ХÆЙРÆДЖЫТЫ ÆХСÆВЫ КУЫВД

Дæлимонтæ, ахсæв уе 'хсæв у,

Æмæ нæм уæ сызгъæрин хъустæй хъусут.

Дæлимонтæ, бæркадæфтауджытæ,

Мæнæ нæ къухы цы ис, нæ разы цы ис,

Уый уын бирæйы бæсты фæцæуæд,

Уымæй æндæр нæм бар ма дарут.

Абон бирæ адæм сымахæн уæ ном зæгъынц,

Æмæ, хуыздæр кæй кувинæгтæй саходдзыстут,

Мах кувинæгтæ дæр уыдон æмбал фæуæнт.

Дзырдтæй уæ нæ фæсайдзыстæм,

Фæлæ нæ къухы цы цæхх æмæ кæрдзын уа,

Уый-иу уын барст уæд,

Бурхъус нæл фысæй физонджыты хуызæн-иу сæ саходут.

 

Махмæ та гыццыл куы уа,

Уæддæр дзы бирæ бævркад куыд уа,

Уый нын уæ цæст бауарзæд.

.Æмæ уын мах дæр уæ ном азæй-аз хуыздæр куыд

мысæм,

Нæ зæрдыл уæ хорзæн куыд дарæм, Сымах та нын, бæркадæфтауджытæ, бирæ хæрзтæ

ракæнут.

Абон уын цы скодтам, уыдон уын хæлар уæнт, Уыдонæй æндæрмæ нын бар мацæмаг дарут. Сызгъæрин фæндæгтыл цæут, уæ сызгъæрин хъустæй

нæм хъусут.