ЧЫЗГÆРВЫСТЫ КУЫВД

— Уæ Хуыцау, табу Дæуæн!

— Оммен, Хуыцау!

— Дæ рафæлдыст адæмæн хорздзинæдтæ Дæ цæст бауарзæд!

— Уæ Дунерафæлдисæг Кадджын Хуыцау, Абон цы дыууæ мыггаджы æмæ дыууæ кæстæры циндзинадыл кувæм, Уый рæстмæ фæкаæ!

— Сæ хæстæгдзинад мыггагæй мыггагмæ фидар æмæ уарзон куыд уа,

Дыууæ кæстæры сæ фидар зонд æмæ фæллойæ адæмæн уарзон куыд уой!

Уастырджи, табу дæхицæн!

Байраджы бæхгæнæг, лæппуйы лæггæнæг Уастырджи,

Ацы саби-чызджы рæствæндаг фæкæн!

Уæ Бынаты Хицау, йæ ног бынатмæ амондджын къах бавæрæд,

Æнæниз куыд уа, йæ къаимæ дзы адджынæй куыд цæра!

Уæ Мады Майрæм, уæдæ иæ авд лæппуйы æмæ иу цъæх чызджы мад фæкæн!

Иæ авд фыртæн авд чындзы куыд фена,

Иæ цоты цоты авдæнтæ куыд ауза!

Тбау Уацилла! Фыдбылызæй нæ бахиз,

Дуне сабыр куыд уа,

Нæ кæстæрты чындзæхсæвты куыд бадæм!

Хоры Уацилла, хорæфсæст нæ скæн!

Фосы Фæлвæра, дæ лæвар фосæй куывдты æмæ чындзæхсæвты нывæндтæ куыд кæнæм, Уыцы арфæ нын ракæн.

Зæдтæй ма афтæ чи зæгъы, мæ ном куы ссардтаиккой,

Уæд æз хуыздæр æххуыс бакодтаин, Уыдонæн дæр барст уæнт не 'ртæ чъирийы!

Чырысти рахизырдæм цы дзуар бафтыдта, Уыцы дзуарæфтыд фæкæн ацы хæдзар дæр!

---Оммен, Хуыцау!