ДЖЕОРГУЫБАЙЫ ÆХСÆВЫ КУЫВД

Хуыцау, табу Дæхицæн! Дунесфæлдисæг дæ, дзуæртты дæр Ды сфæлдыстай

Æмæ нæ Дæ хорзæх уæд.

Оммен, Хуыцау!

Тбау Уацилла, хор-фосы хицау дæ æмæ нæ дæ хорзæх уæд.

Фидæнмæ ноджы хуыздæр нывондтæ куыд æрхæссæм,

Уыцы ахъаз бакæн.

Йе сызгъæринбазыр Уастырджи, Ахсæв де 'хсæв у, æмæ дын табу уæд!

Ахсæв дын бирæ адæм дæ ном ардзысты, -Уыдонæй хуыздæрæн кæй куывд айстай, Нæ куывд дæр уый æмбал фæкæн.

Уастырджи! Тыхгæнæгæй нæ бахиз.

Уастырджи! Нæ цот, нæ кæстæртæ де уазæг.

Уастырджи! Нæ уазæг дæр де уазæг фод, Амондджын уазджытæ нæм цæуæд.

Уастырджи! Нæ бæлццæттæ де уазæг, Сæ хæдзæрттыл æнæмаст, æнæфыдбылызæй, дзæбæхæй æмбæлæнт!

Уастырджи! Маггуыр лæггеæн æххуысгæнæг дæ æмæ мах дæр дæ хорзæх уæд. Дæ фидæн бонтæ ныл хъæлдзæгдæрæй куыд æрцæуой, Уыцы арфæ нын ракæн.

Оммен, Хуыцау!