НЫВОНДЫ КУЫВД ДЖЕУÆРГУЫБАЙЫ БÆРÆГБОН

- Стыр Хуыцауы хорзæх нæ уæд!

- Оммен, Хуыцау!

- Кæддæриддæр нын æххуысгæнæг куыд уа,

Уыцы амонд нæ уæд!

Бæрæгбон у, æмæ ныл афæдзæй-афæдзмæ домбайдæрæй куыд цæуа,

Уыцы амонд нæ уæд!

—Уастырджийы бонтæ сты, æмæ Уастырджи хуыздæр ахъаз кæмæн ракодта,

Мах дæр уый æмбал куыд уæм, Ахæм амонд нæ уæд!

Бинонтæ стæм, æмæ домбайдæр бинонтæ чи фæци. Стыр Бæрзонд Хуыцау хуыздæр хæрзтæ кæмæн ракодта,

Мах дæр уыдон æмбал куыд уæм, Ахæм хорзæх нæ уæд!

Уæдæ нын сыхбæстæ ис æмæ уыцы сыхбæстима-кæрæдзийы æмбаргæйæ, уарзонæй куыд цæрæм, Ахæм амонд нæ уæд!

Нæ хистæртæ амондджынæй, хъæлдзæгæй сæ кæстæрты циндзинадæй æфсæст куыд уой!

Бæрæгбон у, æмæ хистæртæн Хуыцау ахæм ахъаз бакæнæд,

Æмæ сæ кæстæртæ фылдæрæй-фылдæр, амондджынæй-амондджындæр куыд кæной!

Уæдæ афæдзæй-афæдзмæ кусæрттæ фæкæнæм, Æмæ сæ Стыр Хуыцау йæхимæ адджынæн кæмæн айста,

Мах дæр уый æмбал цы фæуæм,

Уастырджи нын кæддæриддæр æххуысгæнæг куыд уа.

Ахæм хорзæх нæ уæд!

Зæдтæ бирæ сты, бирæ адæм сæм фæкуывтой. Нæ фыдæлтæн бирæ хорздзинад куыд дævттой,

Уыцы амонд нæ уæд!

Хохæй быдырмæ цы дзуæрттæ ис,

Уыдон нын кæддæриддæр æххуысгæнæг куыд уой,

Ахæм амонд нын Хуыцау раттæд!

— Тæтæртупп нæ сæрты тæхагг у, æмæ нын нæ цонг домбай куыд кæна, уыцы амонд нæ уæд!

— Уæдæ, бæркадджын куыд уæм кæддæриддæр, Уыцы амонд нæ уæд!

— Дуне сабыр куыд уа, зæххы къорийыл адæм сæ кæрæдзийы куыд уарзой, Уыцы амонд нæ уæд!

— Къæсæры Уастырджи нын нæ къæсæр домбай куыд кæна,

Нæ фæндæгтæ та — рухс, Уыцы амонд нæ уæд!

Гъеныр, уазæгæй чи 'рбамбæлди, хæстæгæй чи 'рбамбæлди,

Уыдон дæр амондджын куыд уой, Уыцы хорзæх нын ратт.

— Кусæрттаг хъабыл уæд,

Афæдзæй-афæдзмæ амондджын бæрæгбæттæ куыд кæнæм,

Уыцы амонд нæ уæд!

Оммен чи загъта, уыдоны цардамонд дæр бирæ уæд!

Оммен, Хуыцау!