ХУЫЦАУÆХCÆВЫ КУЫВД II

Дунедарæг Иунæг Кадджын Хуыцау, табу Дæхицæн!

Ды нæ радтай зæххыл цæрынаен.

Бирæ фарн æмæ амондæй хайджын чи у, уый æмбал-нæ фæкæн!

Оммен, Хуыцау!

Нæ фыдæлты Зæронд Уастырджи!

Сау хохы бæрзонд дæ бадæн, быдыры дæ фæлгæсæн.

Хохагй, быдырæй нæ гыццыл Ирыстон де уазæг, ды йæ фæдзæхсæг!

Реком, Мыкалгабыртаг!

Нæ кад æмæ не 'гъдау нæхимæ куыд уой, уыцы арфæ нын ракæнут!

Аларды æмæ Рыныбардуаг!

Рын æмæ фыдбылызæй хызт куыд уа,

Цард æмæ амондæй та - æфсæст,

Уыцы арфæ ракæнут нæ гыццыл Ирыстонæн!

- Хъæриуы зæдтæ, табу уæхицæн! Зæдты тæрхондоны бадут, -Амондджын тæрхон цы рахæссат, Уымæй нæ фæхайджын кæнут!

- Æвзвæндаг, табу дæхицæн! Ныры фæсивæд сты æфсæнбарджытæ, Æмæ рухс фæндæгтыл куыд цæуой, Уыцы арфæ сын ракæн!

- Хуыцауы дзуар, Хуыцаумæ цæуæг дæ æмæ Хуыцауæй цы хорздзинæдтæ æрхæссай, Уымæй-иу нын дæ цæст бæарзæд!

- Арвы Уацилла æмæ Фосы Фæлвæра, Цы хор æмæ цы фосыл хæст стæм, Уый нын куывдты хæринаг фæкæн.

- Саухъæды бæлæстæй быдыры цæхæрадон чи скодта, Хетагджы дзуар, табу дæхицæн! Дæуæн дæ тыхсты уысмы хъæд цы æххуыс бакодта, Уыцы æххуысгæнæг дæ кувæг адæмæн фæу!

- Ныхасы Уастырджи! Табу дæхицæн!

Нæ ныхæстæ кæрæдзийæн адджын куыд уой,

Уыцы арфæ нын ракæн!

- Арыхъы Дурджын Бæрзонд Уастырджи æмæ рухс

Тæтæртупп,

Æфсæнвæндаджы бардуæтæ стут æмæ, Æфсадмæ цы фæсивæд арвыстам, уыдонæн сабыр дуг

рауадзут!

- Мæздæджы Мады Майрагм, табу дæхицæн! Уыцы фæсивæд паддзахы быдырты æнæ мад, æнæ фыд сты,

Æмае сын ды мад, фыды рæвдауæг фæу!

Цыргъобауы зæдтæ æмæ дауджытæ! Табу уæхицæн! Нæ быдыртæй нæм цы хор æрбахауа, Уый нын куывдты æмæ чындзæхсæвты хæринаг фæкæнут!

Горæты Ногдзуар æмæ Хуыцауы дзуар! Нæ гыццыл Ирыстон цы сахарты цæрынц, Уым æнæмаст, æнæфыдбылызæй куыд цæрой, уыцы арфæ сын ракæнут!

Тхосты дзуар, табу дæхицæн! Исчи нын тыхгæнынвæнд куы скæна, Уæд нæхи амонд тыхджындæр куыд уа, Уыцы арфæ нын ракæн!

Ирыстоны зæдтæ!

Нæ гыццыл Ирыстон уæ кувæг адæм сты Æмæ æнæфыдбылыз, цард æмæ амондæй æфсæст куыд уой,

Уыцы арфæ сын ракæнут!

Нæ рæзгæтæй æмæ нæ бæлццæттæй зæрдæрухс куыд уæм,

Уыцы арфæ нæ уæд.

Оммен, Хуыцау!

Аходæггаг - кæстæрмæ, уый фæстæдæр райгуырди, Æнæтæригьæддæр у æмæ хуымилийагæй уый хъуамæ сахода.