ХУЫЦАУÆХСÆВЫ КУЫВД I

— Хуыцау, табу Дæхицæн, Хуыцау!

— Оммен, Хуыцау!

— Хуыцау, мæнæ ацы кувæг адæм — Дæ фæдзæхст, Де уазæг!

— Хуыцау, нæ сыгъдæг нывондæй арæм Мигъдауы рухс дзуæртты ном æмæ сын барст уæд.

— Фæндагсар Уастырджи, ацы адæмæй дæ бынты чи цæуа, рæствæндаг-иу сæ фæкæн!

— Ахæм хъару нын ратт, æмæ ныл знаг куыд никуы фæуæлахиз уа!

— Тхосты дзуар, фыдбылызæй нæ бахиз!

— Реком, дæ хорзæх нæ уæд!

— Уацилла, ахæм хорæрзад ратт, хорæфсævст куыд уæм!

— Хуыцауы дзуар, æдзух Стыр Хуыцауы раз вæййыс, ракур дзы, йæ хорзæх нæ куыд уа!

— Цъамады Хъæузæд, кувæм дæм, ацы хъæу — де уазæг, фыдбылызæй йæ бахиз!

— Аларды, дæуæн дæр æхцон фæуæд!

Дæ чъылдыммæ дын кувдзыстæм, де 'ргом нæм ма раздах.

Де 'ргом нæм куы раздахай, уæд та нæ хъæлдзæг зæрдæтимæ ныууадз.

— Рыны бардуаг, нæ адæмæн дæр æмæ нæ фосæн дæр сæ низтæ фæсур, уый курæг дæ стæм!

— Мады Майрæм, фыдæлты дзуар дæ æмæ нæ фыдæлты амондæй æнæ хай ма фæкæн.

Кæмæн кæй радтай, уый цæринаг уæд!

— Мыкалгабыр, дæуæн дæр нæ кувинаг барст фæуæд. Фыдбылыз-иу дард акæн, амонд — хæстæг. Бæркад дæттæг дæ æмæ нын нæ куысты бирæ бæркад ратт!

— Стыр Тутыр, уый курæг дæ стæм — нæ фосы 'рдæм дæ бирæгътæ дургом куыд уой!

— Уæдæ, Фæлвæра, нæ фос дæ бар сты. Фылдæрæй фылдæр нын сæ кæн! Хуыцау æмæ дзуæртты бæрæгбæтты нæ бон кусарт кæнын куыд уа!

— Сауы дзуар, нæ хъæдтæ хуыскъ æмæ зынгæй бахиз!

— Бынаты Хицау, нæ бынæтты нын хорз æмæ æнæниз цард ратт!

— Хурæртхурон, Хуыцаумæ цæуагг дзуар дæ, æмæ дæ курæм:

Иæ бирæ хорздзинæдтæй нæ хайджын фæкæнæд!

— Стыр Иунæг Кадджын Хуыцау, Дæуæн — æхцон, махæн — æнцон! Нæ куывдтытæ нын айс!

— Цы дзуæртты кой не скодтам, уыдонæй хуыздæр арфæ чи ракæндзæнис,

Уый хорзæх дæр нæ уæд!

— Афтæмæй уæ Стыр Хуыцауы хорзæх уæд!

— Оммен, Хуыцау!