ХУЫЦАУЫ КУЫВД

— Хуыцау, табу Дæуæн!

— Оммен, Хуыцау!

— Хуыцау, ахъаз нын бакæн!

— Дунескæнæг Хуыцау,

Зæххыл Дын зын ницы ис,

Дæ быны ницы фæсусæг уыдзæни.

Куыд раст стæм,

Куыд сыгьдæгзæрдæйæ Дæм кувæм,

Афтæ сыгъдæг æмæ нын раст цард ратт.

— Ацы кувинæгтæ Дæу тыххæй сты,

Æмæ хуыздæр кæй кувинаг æмæ курдиат райстай,

Уый æмбал нæ фæкæн.

— Дæ кувæг адæм стæм,

Æмæ нын нæ зæрдæйы мæт макуы бауадз. Хъæлдзæг, амондджын, æнæниз цы уæм, уыцы хорзæх нын ракæн!

— Адæмæн бирæ, махæн нæ фаг ратт алцы дæр. Барст дын фæуæнт не 'ртæ чъирийы.

— Оммен, Хуыцау!