ХИСТÆРЫ РАКУЫВД ЦИНЫ ФЫНГЫЛ

— О Стыр Хуыцау! Æмбал кæмæн нæй, Цытджын Иунæг Хуыцау, табу Дæхицæн!

— Оммен, Хуыцау!

— Мæнæ а хæдзары бинонты кувинæгтæ Дын æхцон фæуæнт!

— Æппает дуне рафæлдисæг Дæ, æмæ нæ Дæ хорзæх уæд!

— Ды нæ радтай цардмæ æмæ нæ царды рæсугъд фæндæгтыл араз!

— Дæ быны хорздзинадæй цы ис, Уыдонæй ацы хæдзар дæр хайджын куыд уа, уыцы арфæ ракæн!

— О Стыр Хуыцау, кæддæриддæр дын Дæ ном куывдты æмæ чындзæхсæвты

Æртыгай чъиритæй куыд арæм, Ахæм цард нын рауадз.

— Де сконд зæдтæ æмæ дауджыты хорзæх нæ уæд!

— Уæ, тæхгæ-нæргæ сызгьæрин Уастырджи, Хуыцауæй зæхмæ ирон адæмы минæвар дæ, Хуыцаумæ дын фæндаг ис, æмæ дзы ирон адæмæн хорздзинæдтæ курæг у!

— Дæ рахиз базыры бын сæ бакæн!

— Хуыцауы фыдæхæй сæ хъахъхъæн!

— Иæ хорзæх сыл тау!

— Ды родæй гал кæныс, байрагæй — бæх, лæппуйæ — лæг,

Æмæ нæ кæстæртæ — де уазæг!

— Фыдбылызæй сæ бахиз!

— Бынаты дæр æмæ фæндагыл дæр — Кæддæриддæр дзæбæх куыд уой, Уыцы арфæ сын дæ цæст бауарзæд!

— Уæ зæлдагбоцъо уæларвон Уастырджи, Зæхмæ ирон адæммæ Хуыцауæй æххуысмæ æртæхыс, æмæ де 'рбадæн бынæттæ алы ран дæр куывддонтæ систы.

Кад дын кæнынц ирон адæм æмæ сæ дæ хорзæх уæд!

— Лæгты дзуар дæ æмæ Ирыстоны лæгхъуаг макуы ныууадз!

— Хетæджы Уастырджи, Тымбылхъæды дзуар, табу дæхицæн!

— Хетæгæн зын сахат цы æххуыс бакодтай, афтæ ауд а хæдзарыл дæр!

— Ирон адæмы Цæгатæй - Хуссарæй, хохæй - быдырæй иу кæныс,

Фарн сыл æфтауыс, сæ ныфс дæ,

Нымдгæнгæ дæ бынмæ кувынмæ, курынмæ цæуынц

Æмæ сæ-иу курдиаты рæстæг дæ хорзæхæй барæвдау!

— Хуыцаумæ кувæг ирон адæм стæм.

Нæ хæхбæстæ - дзуарбадæн, нæ быдыртæ - бæркад-барæн.

Хохæй - быдырæй цыдæриддæр зæд æмæ дуагæн кувæндон ис, табу уæхицæн!

— Нæ зæрдæйы конд куыд у, нæ цард дæр нын афтæ скæнут!

— Æмзонд, æнгомдзинад ныл бафтаут!

— Хъæуæнгом æмæ сыхагуарзонæй куыд цæрæм, ахæм арфæ ракæнут!

— Горæты дзуæрттæ, Ирыхъæуы зæд, Уæ быны цæрæм, табугæнæг уын стаем, æмæ нæ уæ хорзæх уæд!

— Алыхуызон адæмтимæ у нæ цард æмæ, кæрæдзи куыд æмбарæм, уымæн ахъаз бакæнут!

— Хæлардзинад нæ царды нысан куыд суа!

— Уæ, Сыгъдæг Мады Майрæм, Моймæдзыд сылгоймæгтæ де 'вджид сты æмæ сыл дæ хорзæх тау!

— Хъахъхъæн сæ!

— Дæ раттæггаг кæстæртæ ирон адæммæ фылдæрæй-фылдæр куыд кæной!

— Дзæбæхæй сæ ныййарджыты фæндиаг куыд рæзой!

— Царды хорздзинæдтæй рæвдыд куыд уой, уыцы арфæ ракæн!

— Ныхы дзуар, къайады бардуаг дæ,

æмæ нæ чызджытæ хорз амæндтæ куыд хæссой!

— Нæлы дзуар, тырынтæ ды гуырын кæныс, æмæ чындзытæн фырттæ фылдæр куыд гуыра, Уыцы фарн рауадз!

— Нæ нæлгоймаг фæсивæд тархъæды хуызæн куыд кæна!

— Кæй хæдзары кувæм, уыдон дæр дзы хайджын куыд уой!

— Урс сызгъæрин Аларды æмæ æлхынцъæрфыг Рыныбардуаг, табу уæхицæн!

— Нæ сабитæ - уе уазæг!

— Зæхмæ куы æрцæут, уæд-иу нæ хъазгæ-худгæйæ ныууадзут!

— Уе 'ргом нæм макуы равдисут!

— Уæ чъылдыммæ уæм сызгъæрин тæбæгъты кувдзыстæм.

— Тхосты дзуар, табу дæхицæн!

— Нæ бæстыл сабырдзинад рауадз!

— Нæ кæстæртæ зындзинадмæ макуы бахауæнт!

— Тыхгæнæгæй сæ бахиз!

— Уæдæ нæ паддзахы хорзæх дæр уæд!

— Цы уынаффæтæ хæссы, уыдон нæ зæрдæты фæндиаг куыд уой!

— Хорзæй сæ куыд æххæст кæнæм, ахæм фарн æмæ хъару нæм уæд!

— Йемæ нæ тыхы сæр макуы бахъæуæд!

— Æвзвæндаджы Уастырджи, табу дæхицæн!

— Нæ кæстæртæ кæддæриддæр фæндагыл сты, æмæ амондджын фæндæгтыл куыд цæуой, Ахæм арфæ сын ракæн!

— Æрджынарæджы Тæтæртупп, æфсæнвæндаджы бар дæумæ ис.

Арыхъы Дурджынбæрзонды Уастырджи, Цыргъобауы дзуар,

Уæлдæфон фæндæгтæ уæ рæзты цæуынц,

.Æмæ-иу нæ фæсивæд фæндараст куыд кæной, уыцы арфæ сæ ;уæд.

— Æгас хæдзар куыд арой, уый сын уæ цæст бауарзæд!

— О Хоры Уацилла æмæ Фосы Фæлвæра, табу уæхицаен!

— Нæ гонтæ æмæ уæтæртæ хорæй æмæ фосæй дзаг куыд уой!

— Куывдтæ æмæ дзы чындзæхсæвтæ куыд кæнæм, ахæм арфæ нын ракæнут!

— Касуты дзуар, табу дæхицæн!

— Уалдзæджы зæд дæ, æмæ уалдзæджы цы куыстытæ бакæнæм,

Уыдон не 'ппæтæн дæр фæззæджы куывдты хæринаг фæуæнт!

— Реком æмæ Мыкалгабыртæ, табу уæхицæн!

— Бæркад æфтауæг стут,

Æмæ нæ бæркæдтæ Сидæны цæхгæрау уæле исгæ,

Бынæй ахадгæ куыд уой!

— Хорз хъуыддæгты сæ куыд хардз кæнæм!

— Бахъуыды сахат нæхи къухы куыд уой!

— Агурын сæ куыд нæ хъæуа, ахæм арфæ ракæнут!

— Уæдæ мæнæ бынатæн кувæм,

Æмæ сæ Бынаты Хицауы хорзæх уæд!

— Кæддæриддæр сæ бынаты куывдтæ æмæ чындзæхсæвтæ куыд кæной, Ахæм амонд сæ уæд!

— Наф, хæдзарвæндаджы зæд дæ, æмæ сæ хæдзарвæндаг фидар куыд уа!

— Хорз гуырдтæ дзы куыд хъомыл кæна!

— Мыггагæн нæ, фæлæ æнæхъæн Ирыстонæн дæр кадгæнæг куыд уой!

— Иæ намыс ын уæлдæр куыд сисой!

— Сафа, бинонты æнгомдзинады бардуаг, Æртхурон, къонайы зæд, табу дæхицæн!

— Уæ алыварс цы бинонтæ ис, уыдон кæрæдзийæн уарзон куыд уой!

Кæстæрæй, хистæрæй цардамонд сæ хай!

— Саг алы хорз хъуыддагæй дæр сæ зæрдæ куыд рухс кæна!

— Фæрнджын куыд уой!

— Сæ хæдзар куывддон куыд уа!

— Уыцы арфæтæ сын ракæнут!

— Сæ кувинаг барст уæд, сæ мысайнаг — ист, сæ нывондаг - арфæйаг!

— Ныхасы Уастырджи, табу дæхицæн!

— Нæ ныхæсты фарн æмæ амонд куыд уа!

— Зæдтæ æмæ дауджытæм куыд хъуысой!

— Æвзæргæнæджы куыд сæттой!

— Уыцы арфæ ракæн!

— Цы зæд, цы дуаджы æрымысыдыстæм, кæмæ скуывтам, —

Се 'ппæты хорзæх дæр уаед а хæдзары, Ацы адæмы, Ирыстоны!

— Афæ ма цы зæд, цы дуаг зæгьдзæн, Мæ ном мын куы загътаид, уæд сын æз фылдæр фæахъаз уыдаин,

Уымæн дæр табу йæхицæн!

— Уæдæ нæ омменгæнджыты цæрæццаг хъæлæстæ æдзухдæр Ирыстоны арвы бын куыд нарой, Ахам амонд нæ уæд!

— Чи ацахода, уымæн мæ куывдтытæй хай!

— Оммен, Хуыцау!