ÆРТÆ ЧЪИРИЙЫ КУВГÆЙÆ

Хуыцау, табу Дæхицæн!

Оммен, Хуыцау!

Абон Дæ бон у, бирæ адæм Дæм кувынц, Хорздзинæдтæ Дæ курынц

Æмæ хуыздæрæн кæй кувинæгтæ, кæй куывд айстай, Уый æмбал мах дæр фæкæн.

—Æнæниз, æнæмаст, хъæлдзæг, амондджын куыд уæм.

Хуыцау, хорздзинадæй кæй зæрды цы ис, уыдон сæ къухы куыд æфтой, уыцы хорзæх ракæн!

Фæсивæд рæствæндаг куыд уой кæддæриддæр, Бæстæ сабыр куыд уа, Адæм кæрæдзийы куыд æмбарой, Дунесфæлдисагг, уыцы хорзæх ракæн!

Хуыцау, нæ чысыл фæллойаг нæ къухы бирæ ис цы уа, уыцы амонд нæ уæд.

Фыдбылызтæй хызт цы уæм, Нæ кæстæртæн сабыр, рæсугъд фидæн цы уа, уыцы арфæ сæ уæд.

Стыр Хуыцау, нæ кувинæгтæ Дын барст уæнт æмæ нæ Дæ хорзæх уæд

Оммен, Хуыцау!