ДЖЕОРГУЫБАЙЫ ÆХСÆВЫ КУЫВД

— Хуыцау, табу Дæхицæн! Дунесфæлдисæг дæ, дзуæртты дæр Ды сфæлдыстай

Æмæ нæ Дæ хорзæх уæд.

— Оммен, Хуыцау!

— Тбау Уацилла, хор-фосы хицау дæ æмæ нæ дæ хорзæх уæд.

Фидæнмæ ноджы хуыздæр нывондтæ куыд æрхæссæм,

Уыцы ахъаз бакæн.

— Йе сызгъæринбазыр Уастырджи, Ахсæв де 'хсæв у, æмæ дын табу уæд!

— Ахсæв дын бирæ адæм дæ ном ардзысты, -Уыдонæй хуыздæрæн кæй куывд айстай, Нæ куывд дæр уый æмбал фæкæн.

— Уастырджи! Тыхгæнæгæй нæ бахиз.

— Уастырджи! Нæ цот, нæ кæстæртæ — де уазæг.

— Уастырджи! Нæ уазæг дæр де уазæг фод, Амондджын уазджытæ нæм цæуæд.

— Уастырджи! Нæ бæлццæттæ де уазæг, Сæ хæдзæрттыл æнæмаст, æнæфыдбылызæй, дзæбæхæй æмбæлæнт!

— Уастырджи! Маггуыр лæггеæн æххуысгæнæг дæ æмæ мах дæр дæ хорзæх уæд. Дæ фидæн бонтæ ныл хъæлдзæгдæрæй куыд æрцæуой, Уыцы арфæ нын ракæн.

— Оммен, Хуыцау!